Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Римма Илурова - Баллицта (сл. А. Чеджемов, муз. А. Секинаева) гарм. Р. Биганов | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

БÆЛЛИЦТÆ

Зæрдæ рæсугъд кæд вæййы? —

Зæрдæ амонд куы ссары.

Цард хъарм ахстон ыскæнæд

Ацы фæрныг хæдзары.

Фæлтæрæй ам фæлтæрмæ

Æгъдау уыди рæбинаг.

Нæ хистæрты уæззау зонд

Уыд кæстæртæн фæзминаг.

Хæрзамонды бæрзæндтæм

У цардуалдзæг æмхицдæр.

Царды цинтæй ысрухс уæд

Уæ алкæйы бæллиц дæр.

Цæмæй хорз у ирон лæг? —

Æгъдау æмæ æфсармæй.

Сылгоймаг та — фæлмæн хур

Йæ цæстæнгас, йæ хъармæй.

Рæсугъд чи уыд лæппуйæ

Йæ уды конд, йæ зондæй,

Дунейы фарн ыскæндзæн

Уый намысджын зæрондæй.

Хæрзамонды бæрзæндтæм

У цардуалдзæг æмхицдæр.

Царды цинтæй ысрухс уæд

Уæ алкæйы бæллиц дæр.

Нæ хъæубæсты — чындзæхсæв,

Цин ивылы нæ сыхæй.

Дæ фæндыр-ма, уæртæ чызг,

Ысдзурын кæн йæ дзыхæй.

Нæ ног чындз та — зæххон зæд,

Нæ чызджыты æвзаргæ.

О, фарны къах æрбавæр

Дæ хъарм цæрæн хæдзармæ.

Хæрзамонды бæрзæндтæм

У цардуалдзæг æмхицдæр.

Царды цинтæй ысрухс уæд

Уæ алкæйы бæллиц дæр.

Айнæг цъити кæм вæййы,

Уым суадон дæр кæлдзæни.

Ирон зарæг кæм цæры,

Уым амонд дæр цæрдзæни.

Йæ адæмы æгъдæуттæ

Чи уарзы, уый хъæздыг у.

Уый хурбон уа, къæвдабон

Ирон царды мæсыг у.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3
Видео
Нет видео
-