Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Кæсы — Цырыхаты Петя - Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзæн» | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

КОЦОЙТЫ АРСЕН

Радзырд «ГИГОЙЫ КУАДЗÆН»

Гиго сфæнд кодта ацы аз хъæздыг куадзæн саразын. Иннæ азты дæр йæ сыхæгтæм хæлæг ницæмæй кодта, йæ фынгыл-иу куадзæн бон уыди куы бабыз, куы хъаз, фæлæ ныр цы сфæнд кодта, уый йын никуыма бантыстис.
Куадзæнмæ ма дыууæ мæйы уыди, афтæ Гиго æмæ йæ ус Пело æрнымадтой сæ ис, сæ бон каркæй, бабызæй, хъыбылæй æмæ загътой:
— Табу хуыцауæн, ис та нæм. Хъалонтæ-йедтæ куы ахицæн кæнæм, уæд ма нæм уæлдай зайы фондз карчы æмæ æртæ хъыбылы.
Афтæ бирæ уæлдай сæм никуы уыди, æмæ тынг фæцин кодтой лæг æмæ ус. Лæг загъта:
— Мæн цы фæнды, уый зоныс?
— Цы?
— Куадзæн хорз саразæм ацы хатт, афтæ хорз, æмæ нæм сыхæгтæ хæлæг куыд кæной, — Саразæм,— загъта ус,— хорз куадзæнæй хуыздæр та цы ис, фæлæ мæнæ сывæллоны дæр рох кæнын нæ хъæуы, хъуамæ йын бæрæгбонмæ ног исты балхæнæм, иннæ сывæллæттæм хæлæг куыд нæ кæна, афтæ.
— Уымæн иу дыууæ каркæй фылдæр нæ бахъæудзæн, фæгæ æз цы зæгъын, уый зоныс?
— Цы?
— Æппындæр цы нæма æрцыди, уый зæгъынмæ хъавын.
— Цы уæддæр?
— Иу хъыбыл ауæлдай кæнæм куадзæнæн.
Пелойы зæрдæмæ фæцыди Гигойы фæнд, фæлæ уæддæр загъта:
— Бын бауай, æмæ уый куы акъæмс кæнæм, уæд уый фæстæ та ма цы кæндзыстæм!
— Ницы та нын уыдзæн. Бон цæуы æмæ фарн хæссы.
Уыцы бонæй фæстæмæ Гиго æмæ Пело сбæрæг кодтой иу хъыбылыл æмæ йæ хæссын байдыдтой.
Тынг зæрдиагæй йæм зылди ус, фæлæ-иу Гиго дæр, куыстæй æрцæугæйæ, хæрын дæр айрох кодта, фæлæ-иу хъыбылтæм зилынмæ фæци. Иу сывæллон сын уыди — Ме-ла — æппын уæгъд та уый нал уагъта хъыбылы. Алцы 'ппæтæй йæ æфсæста, йæхи хæйттæ дæр ма йын лæвæрдта.
Хъыбыл дæр мæтæй марди, бонæй-бонмæ зынгæ нарддæр кодта.
— Уыныс, Пело, куыд иæрсы нæ куадзæйнаг!
Нæрсы, уæдæ цы! — загъта-иу Пело дæр.
Уæд-иу сывæллон дæр рагæпп кодта:
— Кæд уыдзæн, кæд, куадзæн, тагъд нæма уыдзæн?
— Тагъд уыдзæн, тагъд, мæ къона!
Афтæмæй бинонтæ сæхи рæвдыдтой.
Пелоиу сыхæгты устытимæ куы фембæлди, уæд сын-иу исты æгъдауæй хъыбылы кой æркодта.
— Уæртæ куадзæнмæ цы хъыбыл хæссæм, уымæй зæгъыь... Уæвгæ та цæй нардгæнаг у хъыбыл, ныр ма йæ ныр базыдтон.
Уæд та æфсонæн исты æрымысыдаид:
— Хæдæгай, нæ дзæбæх хъулон дурын куы асасти...
— Ау, цы йыл æрцыди? — бафарстаид сыхаг.
— Цы куы зæгъай, уæд æй нæ куадзæйнаг хъыбыл тæрхæгæй раппæрста... Диссаджы нард сси æмæ сфыдуаг ис.
Гиго йæхæдæг дæр, ныхасмæ ацæугæйæ, исты æфсонæй куадзæны хъыбылы кой ракодтаид, æмæ-иу куы бамбæрста, сыхæгтæй иуæй-иутæ хæлæг кæй кæнынц, уæд-

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-