Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Казбек Лалиев - Уалдзыгон зараг (сл. Т. Кокаев, муз. Б. Кокаев) | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Уалдзыгон зарӕг ― зӕрдӕты кадӕг,
Амонды рухсдӕр бындур.
Судзгӕ стъалы цӕхӕртӕ калы,
Мӕнӕн та уый у мӕ хур.
Кӕсын дӕм, кӕсын дӕм ӕдзухдӕр ӕнхъӕлмӕ,
Дӕуӕн мӕ зӕрдӕ дӕттын.
Худгӕ хур-рухстауӕг ӕрзилы нӕ сӕрмӕ,
Ферттивы амонды тын.
Дӕумӕ бӕлгӕйӕ, дӕумӕ цӕугӕйӕ
Федтон, куыд рӕсугъд у бон.
Уарзоны фынтӕ, мӕ сусӕг фӕндтӕ
Фӕзӕгъын дӕуӕн ӕргом.
Сау мӕйы стъалыйау ды зилыс мӕ сӕрмӕ
Ӕмӕ мын амонд хӕссыс.
Кӕсын дӕм, кӕсын дӕм ӕдзухдӕр ӕнхъӕлмӕ,
Ды куы дӕ мӕ уарзты тых.
Кӕй дӕ агурын, кӕй дӕм фӕдзурын,
Ма хӕсс, ма мӕм хӕсс ды фау.
Бамбар мӕ хъуыды, сусӕг рӕвдыды:
Никӕй ма уарзтон дӕуау.
Кӕсын дӕм, кӕсын дӕм ӕдзухдӕр ӕнхъӕлмӕ,
Дӕуӕн мӕ зӕрдӕ дӕттын.
Худгӕ хур-рухстауӕг ӕрзилы нӕ сӕрмӕ,
Ферттивы амонды тын.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
    Нет видео
    -