Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

XURZÆRIN - Baly tala | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Балы тала иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта,
Ратæхы йæм – зилгæ-зилгæ, ал' райсом,
Дидин дзуры: «Æз æвзонг дæн, о мæ бон!

Бауадз уал мæ, хуры хъарммæ байрæзон,
Чи зоны дæ, о тæнбазыр, бауарзон».
Бындз райдайы уæд рæвдаугæ дзурынтæ:
«О, мæ къона, ма мæ фæсур, курын дæ!

Бакæс ма мæм, æз куыд кæнын ленчытæ,
Хуры тынты цæст нæ лæууы ме ‘рттывдмæ».
Атухы йæ урс дидин йæ дарæсы,
Сусæг ныхас изæрмæ нæ фæсысы.

О, чызджытæ, ма æууæндут лæппутыл,
Адджын байау нæу, чызджытæ, мой кæнын.
Ма йæм бæллут, сонт рæвдз зондæй судзаг у
Сайды фæуын амæлæтмæ дудæг у, судзаг у.

Акæсут ма хъæуы кæрон бандонмæ
Дыууæ уарзон амондагур бæллонмæ,
Се ‘взонг риуты тагъд-тагъд хойынц зæрдæтæ
Цъæх нæууыл та акъул ысты сæ аууæттæ.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-